Куыд ирд æхсæв у! Нæу мæ бон…
Фæхауд мæ хуыссæг. Мæй æрттивы,
Цыма нæма æрцыж кæрон
Нырма æвзонгадæн мæ риуы.
Фæссард – нымадбонты, æмгар.
Рæуæг монц уарзондзинад ма хон.
Фæлтау цæлхыдзаг мæй æнкъард
Кæсæд нæ нывæрзæнтæм махæн.
Хуыздзыд, фæлладцæсгом æргом
Йæ рухсмæ равдисæд йæ хъæнтæ.
Нæдæр уыд бауарзын дæ бон,
Нæдæр ысивдзынæ дæ зæрдæ.
Æцæг уарзт иу вæййы æрмæст,
Мæхи дыл уый тыххæй нæ марын.
Ныккæс-ма, сусхъæдтæ, – æргъæвст,
Сæ зæнгтæ хъæпæнты куыд дарынц.
Уынæм æй хорз – ды дæр, æз дæр:
Уый сусхъæд дидинæг нæ калы,
Йæ уазал халасы ызгъæр
Уый, махау, уазал мæймæ дары.
Мах раджы басыгътам нæ уарзт
Æндæр кæдæрты раз, цырагъау,
Аслам, æнæмæт у нæ хъазт
Зымæгон уазал бонты махæн.
Уæддæр хъæбыстæ кæн, рæвдау,
Дæ фæлывд расыггæнаг пъайæ
Уынын фыццаг уалдзæг фынау,
Мæ цæстыл иунæг уарзон уайа.